Кей Бейли Хатчинсон – Гуырдзыстон НАТО-ы  сæрмагонд партнер æмæ альянсы хай у
Кей Бейли Хатчинсон – Гуырдзыстон НАТО-ы сæрмагонд партнер æмæ альянсы хай у

Гуырдзыстоны æрдæм иттæг позитивон ахаст дарæм, зонæм, цас  реформæ  ауагъдта Гуырдызстон- уый фæдыл  НАТО-ы  АМерикæйы Иугонд Щтатты  минæвар, Кей Бейли Хатчинсон  Брюсселы  уагъд пресс-конференцийыл, Фыццаг Къаналы  журналисты фарсты дзуаппæн  райхъусын кодта.

Йæ аргълæвæрдæй,   Гуырдзыстоны зæгъгæ  ис демократи, хъахъхъæд у   закъоны сæйрагдзинад,  бæстæ  кад кæны  адæймаджы бартæн,  кæцыимæ  алчи дæр разы  у.

«Мах иттæг позитивон ахаст дарæм  Гуырдызстонмæ. Зонæм, цас  реформæ  ауагъдта. Гуырдзыстоны ис демократи хъахъхъæд у   закъоны сæйрагдзинад,  бæстæ  кад кæны  адæймаджы бартæн,  кæцыимæ  алчи дæр разы  стæм æмæ  уый у  Гуырдзыстоны  статус фæтыхджындæргонд партнерады фæдыл» –  райхъусын кодта Кей  Бейли Хатчинсон.

Минæвары  дзырдæй, Гуырдзыстон у НАТО-ы хай,  куыд партнер  æмæ уый  суыдзæн  цæгат-атлантикон   альянсы  уæнг.

«Иу бон Гуырдызстон  суыдзæн НАТО-ы  уæнгæй. Гуырдзыстоны æрдæм ис  диссаджы  позитивон  ахаст, цæмæй адарддæр кæнæм   æмгуыстад  ацы  статусæй.  Гуырдзыстон НАТО-ы  сæрмагонд   партнер у æмæ НАТО-ы хай у, куыд партнер  нæ мисситы  æмæ  хайбæвæрæг,  нæ æмцæдисонтæй  алкæмæй  фылдæр.  Мах  нымадмæ исæм  уый, æмæ райгонд стæм ацы  хайбавæрдæй æмæ ныфс дарæм,  цæмæй кæддæриддæр   хæсмтæг уыдзыстæм» –  райхъусын кодта  Брюсселы  уагъд пресс-конференцийы  НАТО-йы  АИШ-ы  минæвар  Кей Бейли Хатчинсон.