Кавказы фыццаг хоскæнæн лæгæт уалдзæджы байгом уыдзæн
Æрдз хъахъæды æмæ хъæууон хæдзарадон министры хæдивæг Соломон Павлиашвили, хъахъæд териториты агентады сæрдар Давид Маркозашвилиимæ иумæ Сацъурблиайы лæгæты уыдысты æмæ нырыгкон инфраструкутраимæ базонгæ сты.
Сацъурблиайы лæгæт фыццаг æппæтдунеон стандартты æнæниздзинады лæгæт уыдзæн Кавказы регионы. Лæгæты æрдзон хоскæнæн функцитæ чехаг æмæ гуырдзийаг специалисттæ бацахуыр кодтой.
Инфраструктурон проекттæн Гуырдзыстоны бюджетæй 647 000 лари бахардз.