«Картули Оцнебайы» политикон совет – мах хъуамæ бахъахъхъæнæм президенты институт, ацы институты престижæн тас йæхæдæг архайæг президент куы аразы уæд дæр
Нæкæсгæ уымæ, цæмæй Саломэ Зурабишвилийы фæстагрæстæгон архæйдтытæ гæнæн ис иттæгæнæобъективонæй æмæ политикон субъективондзинадæй схонын, нæ позици у, цæмæй Гуырдзыстоны президенты критикæйæ принципонæй хъуамæ бауромæм нæхи – уый фæдыл дзырдæуы «Картули оцнебайы»№ политкон советы фидиуæны.
Фидиуæнмæ гæсгæйæ, 2018 азы президнтон æвзæрстыты рæстæджы Саломэ Зурабишвилийæн фарсхæцыны рæстæджы Картули Оцнеба ныфсджын уыд, ома уый уæлпартион президенты функци сыххæст кодтаит.
«Хъыгагæн, Саломэ Зурабишвили æндæр фæндаг сывзæрста æмæ фæстаг дыууæ азы дæргъы, тынг дырыс равдыста политикон субъективондзинады оппозицион тыхты бонвæткы пайдайæн. 2018 азы, Гуырдзыстоны президенты постмæ сывзарыны рæстæджы «Картули Оцнебаы» къухдариуæгад Саломэ Зурабишвилийæн тынг дырыс райхæлдта сæрмагонд ахаст уый фæдыл, ома æвзæрстыты фарсхæцыны рæстæджы йын ма хъуамæ уыдаит исты хæсист хицаугæнæг партийы рахз «Картули Оцнеба» ацы ахаст Саломэ Зурабишилийæ ардхæрды бонæй æнæхъæнæй æххæст кодта æмæ æххæст кæны абон дæр» – дзырдæуы фидиуæны.
Фидиуæны авторты æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, президенты политикон субъективондзинадмæ нæкæсгæ, Картули Оцнебайы позици у, цæмæй президенты критикæйæ парти йæхи хъуамæ бауромæт æмæ йæ къух ма саразæт президенты институты æгаддзинадæн.
«Уыцы уавæрты, Гуырдзыстоны президент куы сафы легитимаци æхсæнады уыцы хайы цæсты, кæцы йын 2018 азы æвзæрстыты схъæлæс кодта æмæ нæдæр æхсæнады уыцы хайы йын ис легитимаци, кæцы йæ 2018 азы гадзрахатгæнæгæй райхъусын кодта, нæ хæс у, Саломэ Зурабишвилийы æххæстбарты баззайгæ афæдз æмæ æрдæгы дæргъы ма фесафæм фæнды минималон легитимаци президентон æххæстбарты сыххæст кæнынæн. Уымæй дæр бæрæг у нæ уынаффæ, ма бахизæм полемикæмæ Саломэ Зурабишвилиимæ» – дзырæдуы фидиуæны.