«Картули Оцнебайы» делегаци  Китайы фембæлдтæ уадзы
«Картули Оцнебайы» делегаци Китайы фембæлдтæ уадзы

Китайы Адæмон Республикæйы  официалон визитæй уæвæг «Картули Оцнебайы»  делегаци, партийы сæрдар, Къобахидзе Иракълэйы  къухдариуæгæй, Китайы  хицаугæнæг  партийы  æхсæнадæмон  департаменты  къухдариуæггæнæг, министр Лю Дзин Чаоимæ, министры хæдивæгимæ æмæ паддзахадон советы  райрæзты иртасæны  депртаменты  вице-президентимæ фембæлдис.

«Китаймæ официалон  визиты фæлгæтты  фембæлдыстæм  хицаугæнæг партийы  æхсæнадæмон  департаменты  къухдариуæггæнæг, министр Лю Дзин Чаоимæ, министры хæдивæгимæ æмæ паддзахадон советы  райрæзты иртасæн центры   къухдариуæгадимæ. Тынг  цымидисон  бадзырд уыд æмгуыстады фæарфдæрыл. Фароны  аз уыдис итосрион Китайы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  ахастытæ  фæарфдæры цæстæнгасæй.  Къух бафыст уыд  партнерады бадзырд æмæ нæ нысан у  ацы  бадзырды   æмбæлгæйæ имплементаци сифтонг кæнын, уыцы нысанæн у нæ визит.  Тынг  стыр ныаниуæг дæттæм  ахастыты райтынгæн  Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн. Афтæма бирæ  къабаз , кæцыты гæнæн ис  ахастытæ  фæарфдæр кæнын. Нæ æмгустад Китайимæ  у иттæг  нысаниуæгджын  æндæр æмæ æндæр цæстæнгасæй, махæн нысаниуæгджын у  политикон   æмгуыстад  Китайимæ, экономикон æмгуыстад æмæ ацы  æмгуыстадæн йæ бон у  тынг конкретон  рахатинаг фæстиуджытæ æрхæссын нæ бæстæйæн æмæ æмбæстæгтæн», – райхъусын кодта Къобахидзе Иракълэ.