«Картуйы»  финансгондæй, ботаникон паркы ивхæрсæн-рекреацион  тыгъдад æмæ  вело-фæндаг сарызтой
«Картуйы» финансгондæй, ботаникон паркы ивхæрсæн-рекреацион тыгъдад æмæ вело-фæндаг сарызтой

Æхсæнадæмон  хæрзаудæн  фонд «Карту»-ы  финансгондæй,   ботаникон  паркы  рекреацион-ивхæрсæн   тыгъдад æмæ  вело-фæндаг сарызтой.  Ног тыгъдад  абон  Тбилисы  мэр Каха Каладзе,   хæрзаудæн  фонд «Карту»-ы гамгеобайы сæрдар Николоз Чхетинаиимæ иумæ  абæрæг кодта  æмæ   фæсивæдимæ  иумæ фыццаг вело-дугъы дæр райста  хайад.

Ботаникон паркы  ног  ивхæрсæн  маршрут иу кны  вело-фæндаг  æмæ  æндæр типы туристон   инфраструктурæ.  Проекты  сæххæст 2018  азы  февралы   райдыдтой.   Ацы рæстæджы дæргъы, маршратуы æххæст периметр  ныссыгъдæг кодтой, цардуагон быронæй;  æнæхъæнæй ландшафтмæ  æмбæлгæйæ арызт æрцыд  æртæ километры бæрц фæндаг, фистæгон хидтæ  æмæ конструкцитæ;  афтма   уыцы тыгъдады  фæцис  хæрæндон объекты æмæ  паркингы   арæзтад, кæцы визитортæн   тагъд райдайдзæн лæггад  кæнын.

Проекты  аргъ, 10 милуаны онг ларийы  бæрц  сбаддис.