«Карту Банкъы» фæкъотри уыны хъуыддагыл, Ника Мелиайæн ивар æмæ дыууæ аз æмæ æртæ мæййæ бæрзонд гæсы бынатыл куысты бар баурæд стæрхон кодтой, Зураб Адеишвилийæн та ахст
Тбилисы сахарон тæрхондон «Карту Банкъы» фæкъотри уыны хъуыддагыл зылынмæ лæвæрды, юстицийы раздæры министр Зураб Адеишвилийы æмæ «Националон Змæлды» иуæй-иу лидеры, Ника Мелиайы æрдæм тæрхоныскуъыд райхъусын кодта.
Ника Мелиайæн аххосаг бавдыстæуыд дыууæ статийæ. Тугтæрхоны барады кодексы 332-æм статийæ бавдыст аххосагы, кæцы кусæн æххæстбартæй фыдвæнды спайда дары йæ хуъыдыйы, Мелиайы аххосджыныл банымадтой æмæ йын 25 мин ларийы ивар стæрхон кодтой, æрмæст 205-æм статийы та йæ сраст кодтой (мулкы бамбæхсын, цæстмæ бадзырды фæрцы).
Цыдæриддæр та Зураб Адеишвилийы ныхмæ рахæсгæ тæрхоныскуыдмæ æххæссы, Адеишвили алы бавдыст аххосагы зылынджыныл нымадмæ ист æрцыд. Уымæн фондз аз æмæ æртæ мæййæ ахст стæрхон кодтой.
Афтæма, Ника Мелиайæн уæлæмхас æфхæрдæй дыууæ азæй æмæ æртæ мæййæ йæ куыст ахсыны бар байстой.
Тæрхоныскуыды райхъусын кæныны рæстæджы тæрхондоны нæ уыд Ника Мелиа.
Фæнысангонд хъуыддагыл Ника Мелиа æмæ Зураб Адеишвилийæн, аххосаг бавдыстæуыд 2013 азы. Зураб Адеишвилийæн фæсаууонмæ æфхæрды мадзалæй сбæлвырд кодтой аст, æрмæст Ника Мелиайæн 25 000 ларийы цъынды.
Абоны тæрхоны рабадтыл «Националон Змæлды» лидертæ уыдысты.