Карл Харцелл – пурти ныр Гуырдзыстоны фæзыл ис, Евроцæдис фарсхæцынмæ цæттæ у, стыр æмæ вазыгджын куыст райдаы
Карл Харцелл – пурти ныр Гуырдзыстоны фæзыл ис, Евроцæдис фарсхæцынмæ цæттæ у, стыр æмæ вазыгджын куыст райдаы

Ныр пурти   Гуырдзыстонмæ ис, æмæ Евроцæдис цæттæ у  баххуыс кæна, стыр  æмæ вазыгджын куыст райдаы –  уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдис ыминæвар Карл Харцелл, европарламенты  æддаг хъуыддæгты  комитеты æдасдзинад æмæ  хъахъхъæнынады  дæлкомитеты  сæрдары зæдивæг, Европæйы Адæмон Партийы  политикон къорды  уæнг  Лукас  Мандлимæ  иумæйаг  пресс-конференцийы рæстæджы райхъусын кодта.

Карл Харцелл Хъусын кæны цæмæй  ацы этапыл  Евроцæдис процесс  фæтагъд  кодта, кæцы  æндæр цауы никуы æрцыд.

Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæвары дзырдæй,   Гуырдзыстонæн ныр историон   момент лæууы,  кæцыимæ иумæ ис  бæрæг домæнтæ.

«Нæ бон у историон момент бахахх кæнын, ай у историон момент, фæлæ ацы рæстæджы тынг бирæ домæтæ ис æмæ нысаниуæгджын у, ацы  перспективæтæй спайда кæнын æмæ  быцæусидтытыл фæтых уын.  Ай у момент алы  политикон фарсæн, цæмæй  саразой максимум, цы хъæуы уымæй.  Реформæты бонвæткъы активацийæ, Гуырдзыстоны  ролы  активацийæ. Ахæм стыр  нымæц  цæрджытæ  разы сты  ацы тырнынадимæ.   Пурти ныр Гуырдзыстонмæ ис. Евроцæдис цæттæ у баххуыс кæна, стыр  вазыгджын куыст райдаы.  Хъуыды кæнын, ай нæу æрмæст  бюрократон   процедурæтæ. Ам ис сæйраг  æмæ фундаментон   продцедурæтæ, ай у  балц.  Фæндаг, кæцыйыл ралæууыд  Гуырдзыстон, ассоциацидзинады бадзырд, арв æмæ æппæтылæххæссæг  базарадон  бадзырд, ай у  уыцы  бонвæтк, кæцыйыл Гуырдзыстон азты дæргъы  лæууы.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  скуыддзаггæнæг  момент у, алы  политикон фарс, алы политикон къорд  хъуамæ бамбарæд ацы  нысаниуæг, ома ай æцæгдæр   историон момент у  æмæ сифтонг кæнæд, цæмæй фæстиуæг  уа æнæрмæст ныхæстæ, фæлæ ма  архæйдтытæ дæр» –   райхъусын кодта  Харцелл.