Карл Харцелл - Оккупацигонд Цхинвалы регионы барьерты сæвæрд у абсоютонæй нæрайсгæ
Абсолютонæй нæрайсгæ у, оккупацигонд Цхинвалы регионы цы хабæрттæ цыдис уый æмæ ныр дæр дарддæр кæны, мæ хъуыдыйы дарын барьерты сæвæрд – уый фæдыл Гуырдызстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл райхъусын кодта.
Харцелл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры Сергей Лавровы æмæ оккупацигонд Цхинвалы регионы де-факто фæсарæн хъуыддæгты министр, Медойты Дмитрийы æхсæн плангонд фембæлды кой кæны.
«Зын у сæ фембæлды тыххæй комментарий саразын. Нæ позици у бæрæг æмæ æнæивгæ – Евроцæдис нымадмæ исы Гуырдзыстоны хæдбардзинад, территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет, æхсæнадæмонæй банымад арæнты. Ноджы иу хатт дзурын, цæмæй махæн аболютонæй нæрайсгæ у, оккупацигонд Цхинвалы регионы цы хабæрттæ цыдис уый æмæ ныр дæр дарддæр кæны, мæ хъуыдыйы дарын барьерты сæвæрд»- райхъусын кодта Карл Харцелл.