Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй Юстицийы Бæрзонддæр Советы дыууæ уæнгы снысан кæныны фæдыл уынаффæ уыд тагъд-тагъд, нæ уыд æргом æмæ конкурентджын
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл юстицийы бæрзонддæр советы дыууæ уæнгы снысан кæныны фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Харцелл банысан кодта, цæмæй ацы снысан уыд тагъд-тагъд уныаффæ, нæ уыд æргом æмæ конкурентджын.
«Гуырдзыстоны тæрхонон системæйы æмæ законы сæйрагдзинады сферæйы ай у радæй фæндзæм фæстæмæ арызт къахдзæф, фæстаг цыппар мæйы мидæг. Уый уыдис 12 июлы Сйраг тæрхондоны тæрхонгæнджыты снысаны фæдылдзогтæй, кæцы OSCE/ODIHR-ы аргълæвæрдæй, «хъуаг уыдис намысджындзинадæй, объективондзинадæй æмæ æууæнкджындзинадæй» ,расттæрхоны сферæимæ баст домæнты æнæсыххæст Евроцæдисы уæлæмхасæй 75 милуан евройы акрофинансон æххуыс райсынæн 2021 азы сентябры, генералон прокурроры снысаны уагимæ баст конституцион барасты райстыл нæзагъд 7 сентябры; абоны онг не рцыд 5 июлы 50-йæ фылдæр журнашисты æмæ активисты ныхмæ тыхмидзинады æууæнкджын фæдагуырд æмæ организаторты дзуаппмæ лæвæрд.
Ацы фæзындтæ ноджы иу хатт бæлвырд кæнынц, цæмæй амбицион тæрхонон реформæйы процессы райдаын уæрæх, итнклюзивон æмæ алы партийы хайадæй, æнæаргъæвгæ æнæмæнгхъæуындзинад у æмæ Гуырдзыстоны политикон партитæ ацы хæс райстой сæхимæ.
Евроцæдис та фæстæмæ сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, сыххæст кæна реформæтимæ баст хæсистытæ, сæ нымæцы расттæрхоны сферæйы Гуырдзыстоны æмбæстæгты интерестæм æмбæлгæйæ æмæ евроцæдис-Гуырдзыстоны фидæны ахастыты тыххæй.
Евроцæдис ноджы иу хатт хаххгондæй нысан кæны: нæкæсгæ уымæ цæмæй уый нырмадæр æххæст цæттæ у, йæ фарс рахæца Гуырдзыстоны реформæтæн евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоциацидзинады фæдыл бадзырдмæ æмбæлгæйæ, Евроцдæисы æххуыс баст уыдзæн бындурон реформæты сыххæсты рæстæджы цы прогресс уыдзæнис ууыл» – банысангонд у Карл Харцеллы фидиуæны, кæцыйы публикаци скодта Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.