Карл Харцелл – Евроцæдис Гуырдзыстоны рæзынады сæйраг партнерæй баззайдзæн
Евроцæдис Гуырдзыстоны рæзынады сæйраг партнерæй уыдзæн – банысан кодта Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Крал Харцелл Европæйы бонмæ гæсгæ.
«Абон Европæйы бон у. Абон бæрæгбон кæнæм уыцы идеяйы уæвын, кæцы Евроцæдисы фундамент у – идея, ома æмгуыстадæн йæ бон у, фæтых уа хæст æмæ конфликтыл æмæ æрфидар кæна фарн, куыд европæйы континентыл, афтæма йæ арæнты æддæйæ. Идея фæзындис раст 71 азы размæ.
Абон куыд европæйæгтæ, зонæм, цæмæй растдæр ай уыдис уыцы фæндаг, кæцы фæндагæй хъуамæ ацыдаикам, цæмæй æмгуыстад æмæ партнерад æцæгдæр пайдаджын уыдаит.
Мах ацы философийыл æнцой кæнæм нæ æддагон ахастыты дæр, сæ нымæцы ахæм хæстæг партнертимæ, цахæмдæр у Гуырдзыстон.
Дыууæ бæстæйы æхсæн партнерад иттæг нысаниуæгджын у Евроцæдисæн æмæ сæрыстыр дæн, цæмæй Евроцæди Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæууыд CОVID-19-ы пандемийы ныхмæ тохы рæстæджы.
Евроцæдис бæстæйæн финансонæй æххуыс кодта, дæтта йын ифтонггæрзтæ æмæ хъæугæ зонæдтæ. Фидæнмæ дæр Евроцæдис баззайдзæнис Гуырдзыстоны рæзынады сæйраг партнерæй.
Уырнæг стæм цæмæй фидар, æнтыстджын æмæ хæдбар Гуырдзыстон пайдаджын уыдзæн куыд гуырдзиæгтæн сæхицæн, афтæдæр нæ партнерадæн, æнæхъæнæй регионæн æмæ фæстагмæ Евроцæдисæн, уымæн æмæ аргъ кæнæм нæ партнерадæн, иумæйаг аргъдзинæдтæн æмæ цæттæ стæм рæзгæ æмгуыстадмæ, базарады, æдасдзинады, культурæйы, туризмы сферæты æмæ сæрмагондæй та æмбæстæгты æхсæн.
Афтæмæй мын раттут бар, спайда кæнон ацы фадатæй æмæ раарфæ кæнон Гуырдзыстонæн æмæ йе мбæстæгтæн иууылдæр уазæгуарзондзинад æмæ хæлардзинады тыххæй, уымæн æмæ мах 2021 азы иумæ бæрæгбон кæнæм Европæйы бон» – хъусынк æны Карл Харцелл.