Карен Донфрид – АИШ  хъæддых йæ фарс хæцы   Молдовæ  æмæ Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  уæнг суæвыны  фæндонæн
Карен Донфрид – АИШ хъæддых йæ фарс хæцы Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнг суæвыны фæндонæн

 

АИШ  хъæддых йæ фарс  хæцы  Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны  фæндонæн,  сæ  фæндаг у  дырыс,  зонынц, цы  хъуамæ саразон æмæ цæттæ сты,  уый саразынмæ, –  уый фæдыл Европæ æмæ Евразийы  фарстаты  АИШ-ы  паддзахадон   нымæрдары  æххуысгæнæг   Карен Донфрид брифингыл  райхъусын кодта.

Афтæма  йæ  дзырдæй,   АИШ-æ адарддæр кæндзæн Молдовæимæ  æмæ Гуырдзыстонимæ кусын,   цæмæй  йæ фарс рахæца   реформæты сыххæсты.

«Евроцæдисы рдгæй  нысаниуæгджын сигналтæ  нын ис  дыууæдæр   бæстæйæн  Евроцæдисы   сæ фидæны фæдыл.  Адарддæр кæндзыстæм Молдовæ  æмæ   Гуырдзыстонимæ  кусын, цæмæй  сын баххуыс кæнæм  реформæты  сæххæсты  æмæ  фæтагъддæр уа  сæ  уæнгсуæвын  Евроцæдисы.   Ацы æххуысы фæдыл иу  æрныхас  кæнæм   нæ  Европаг  партнертимæ, цæмæй  баххуыс уæм  Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы реформæтæ сæххæсты, уыдзæн   уый  коррупцийы ныхмæ тох, æви  тæрхонон реформæ.  Ацы  æххуысы  иузæрдыг стæм. Молдовæ  æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны  фæндаг тынг дырыс  у, зонынц, цы хъуамæ  саразой æмæ цæттæ  сты  уый  саразынмæ», –  райхъусын кодта  Карен  Донфрид.