Карен Донфрид – АИШ хъæддых йæ фарс хæцы Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнг суæвыны фæндонæн
АИШ хъæддых йæ фарс хæцы Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндонæн, сæ фæндаг у дырыс, зонынц, цы хъуамæ саразон æмæ цæттæ сты, уый саразынмæ, – уый фæдыл Европæ æмæ Евразийы фарстаты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæг Карен Донфрид брифингыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, АИШ-æ адарддæр кæндзæн Молдовæимæ æмæ Гуырдзыстонимæ кусын, цæмæй йæ фарс рахæца реформæты сыххæсты.
«Евроцæдисы рдгæй нысаниуæгджын сигналтæ нын ис дыууæдæр бæстæйæн Евроцæдисы сæ фидæны фæдыл. Адарддæр кæндзыстæм Молдовæ æмæ Гуырдзыстонимæ кусын, цæмæй сын баххуыс кæнæм реформæты сæххæсты æмæ фæтагъддæр уа сæ уæнгсуæвын Евроцæдисы. Ацы æххуысы фæдыл иу æрныхас кæнæм нæ Европаг партнертимæ, цæмæй баххуыс уæм Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы реформæтæ сæххæсты, уыдзæн уый коррупцийы ныхмæ тох, æви тæрхонон реформæ. Ацы æххуысы иузæрдыг стæм. Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндаг тынг дырыс у, зонынц, цы хъуамæ саразой æмæ цæттæ сты уый саразынмæ», – райхъусын кодта Карен Донфрид.