Кара Макдональд - Ныхæстæ мын нæ фаг кæнынц разæгъон мæ хъыгдзинад, цы уынæм æмбæстагон дзыллæйы, «ISFED»-ы æмæ хæдбар медийы уавæры æрдгæй цы уынæм уый тыххæй
Путин не нхъæлдта украианг адæм афтæ æхсарджын кæй уыдаит, не нхъæлдта ахæм иудзинад кæй уыдаит, æнæрмæст ныгуылæнæй, фæлæ ма æнæхъæнæй дунейæ – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæджы хæдивæг Кара Макдоналд райхъусын кодта Тбилисы æхсæнадæмон конференцийы – «Слава Україні». Кара Макдональды фидиуæны тæлмац Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл публикаци кæны.
«Путинмæ уыдис дыууæ æнæраст æнхъæлц. Уый не нхъæлдта украианг адæм афтæ æхсарджын кæй уыдаит, не нхъæлдта ахæм иудзинад кæй уыдаит, æнæрмæст ныгуылæнæй, фæлæ ма æнæхъæнæй дунейæ. Раст уый у уæлахиздзинады стратеги: ма уæ æрбайрох уæд адæмы тых, кæцы сæрмагонд намысы æмæ сæрибардзинады тыххæй хæцы», – банысан кодта Кара Макдональд.
Уыимæ, Кара Макдональд фæныхас кодта Гуырдзыстоны тыххæй дæр: «Ныхæстæ мын нæ фаг кæнынц разæгъон мæ хъыгдзинад, цы уынæм æмбæстагон дзыллæйы, «ISFED»-ы æмæ хæдбар медийы уавæры æрдгæй цы уынæм, уый тыххæй. Уымæн æмæ мах стæм Гуырдзыстоны стыр хæлæрттæ, тынг нæ зæрдæ риссы, фæлæ нæй гæнæн, цæмæй мах уый фæнда сымахæй фылдæр. Сæ фарсмæ лæууæм æмæ цæттæ стæм баххуыс уын кæнæм», – райхъусын кодта Кара Макдональд.