Кара Макдональд - Ныхæстæ мын нæ фаг кæнынц разæгъон мæ  хъыгдзинад, цы уынæм æмбæстагон дзыллæйы, «ISFED»-ы  æмæ  хæдбар  медийы уавæры æрдгæй цы  уынæм  уый тыххæй
Кара Макдональд - Ныхæстæ мын нæ фаг кæнынц разæгъон мæ хъыгдзинад, цы уынæм æмбæстагон дзыллæйы, «ISFED»-ы æмæ хæдбар медийы уавæры æрдгæй цы уынæм уый тыххæй

Путин не нхъæлдта  украианг адæм  афтæ  æхсарджын кæй уыдаит, не нхъæлдта  ахæм иудзинад  кæй уыдаит, æнæрмæст ныгуылæнæй,  фæлæ ма æнæхъæнæй дунейæ – уый фæдыл  АИШ-ы  паддзахадон  нымæрдары æххуысгæнæджы хæдивæг Кара Макдоналд  райхъусын кодта  Тбилисы  æхсæнадæмон  конференцийы  – «Слава Україні».  Кара Макдональды фидиуæны тæлмац  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад  «Фейсбукы»  сæрмагонд фарсыл публикаци кæны.

«Путинмæ  уыдис дыууæ æнæраст æнхъæлц.  Уый не нхъæлдта  украианг адæм  афтæ  æхсарджын кæй уыдаит, не нхъæлдта  ахæм иудзинад  кæй уыдаит, æнæрмæст ныгуылæнæй,  фæлæ ма æнæхъæнæй дунейæ. Раст уый у   уæлахиздзинады  стратеги:  ма  уæ æрбайрох уæд адæмы  тых, кæцы сæрмагонд намысы  æмæ сæрибардзинады тыххæй   хæцы», – банысан кодта Кара Макдональд.

Уыимæ,  Кара Макдональд  фæныхас кодта Гуырдзыстоны тыххæй дæр: «Ныхæстæ мын нæ фаг кæнынц разæгъон мæ  хъыгдзинад, цы уынæм æмбæстагон дзыллæйы, «ISFED»-ы  æмæ  хæдбар  медийы уавæры æрдгæй цы  уынæм,  уый тыххæй. Уымæн æмæ мах стæм Гуырдзыстоны  стыр хæлæрттæ, тынг  нæ зæрдæ риссы, фæлæ   нæй гæнæн, цæмæй  мах уый  фæнда сымахæй  фылдæр.  Сæ фарсмæ  лæууæм  æмæ цæттæ стæм баххуыс уын кæнæм», –  райхъусын кодта Кара Макдональд.