Кара Макдональд – Гуырдзыстоны лидертыл æмæ политикон партитыл у баст, бæстæйы демократо репутаци сæндидзын кæнын æмæ сæрмагонд æвзæрстгæнджыты æууæнк æрыздахын
Курæг стæм Гуырдзыстоны хицауадæй, сыхххæст кæна OSCE-ы рекомендацитæ æвзарæнон реформæты фæдыл. АИШ-ы хицауады æххуыс ацы нысанæн у, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæгы хæдивæг Кара Макдональд АИШ-ы Сенаты райхъусын кодта цы ран Гуырдзыстоны фарстыл уынаффæ кодтой.
«Президент Байден дырысæй загъта, цæмæй нæ æддагон политикæйы централон роль æххæст кæндзысты нæ аргъдзинæдтæ. Ацы бонвæтк йæ хъуыдыйы дары демократи стынг кæнын, фæстæмæ цыдæн йæ ныхмæ слæууын æмæ адæймаджы барты хъахъъхæд. Уый у махæн сегасдæр хуыздæр фадат, цæмæй йæ фарс рахæцæм Гуырдзыстоны стабилондзинадæн, фарн æмæ Евро-атлантикон тырнынадтæн», – райхъусын кодта Кара Макдональд.
Уый ма тæрхондоны политизацийы фарстыл дæр сцырын кодта акцент æмæ хицауадмæ тæрхонон реформæ ауадзынмæ æрсидтис.
«Тæрхондоны политизаци æмæ уæрæхæй нымад политиконæй мотивацигонд тæрхонон сурын афтæдæр ахъаззаг у демократи фæлæмгъ кæнынæн æмæ цудын кæны Гуырдзыстоны демокративон институтты фидардзинад. Тæрхонон системæйы хицаугæнæг партийы доминацийæ сæвзæры дзырддзæугæ тæрхонгæнджыты æрдгæй æндæр тæрхонгæнджытыл ахадындзинад æмæ дисциплинарон, фæбæрзонддæр кæныны æмæ снысан кæныны системæйæ архайын тæрхонгæнджытæм бандавынæн. Курæг стæм тæрхонон реформæ ауадзын æмæ нæ æххуыс дæр ахъаззаг у хæдбар, бæрнон æмæ адæмы ориентацигонд тæрхонон системæйы райтынгæн», – райхъусын кодта Кара Макдональд.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъæг АИШ-æ кусдзæн интенсивонæй цæмæй стыхджын кæна Гуырдзыстоны демокративон институттæ æмæ процесстæ.
«Гуырдзыстьоны куыд демокративон рæзынады регионон моделы ролы сæндидзын кæнын бонæй-бон актуалондæр кæны. Интенсивон кусдзыстæм, цæмæй стыхджын кæнæм йæ демократон институттæ æмæ процесстæ. Гуырдзыстоны лидерты æмæ политикон партитыл у баст Гуырдзыстоны демократон репутацийы сæндидзын кæнын æмæ сæрмагонд æвзæрстгæнджыты æууæнк ссарын. Гуырдзыстоны цæрджытæ уымæй къаддæры акг не сты», – загъта Кара Макдональд.