Канадæйы оппозици æрсидтис хицауадмæ, сириаг курдæгтæн рахицæнгонд хæцæнгарз Украинæйæн ратта
Канадæйы оппозици хицауадмæ сиды, Сирийаг курдæгтæн цы хæцæнгарз хъуамæ адæттаит, уый ратта Украинæйæн. Æмбæлон инициативæйæ рацыд Консервативон парти.
Канадайаг Nsnews куыд хъусын кæны афтæмæй, Канадæйы хицауад курдаг растгæты хæцæнгарзæй сифтонг кæнын ахицæн кодта, афæдз æмæ æрдæджы размæ. Бюджетæй разицæнгонд у 9,5 милуан доллар. Фæнысангонд суммæйæ, нæмыгзгъалджытæй, минææхсджытæ, гранатææхсæн системæ æмæ танъкы ныхмæ комплексты балхæнын уыд плангонд. Ацы хæцæнгарзæй та курдаг растæгæн «Исламы Паддзахадимæ» хæцыны тыххæй хъуамæ пайда кодтаит.
Фæлæ ацы инициативæйы сæххæст нæ бантыст, уымæн æмæ Иракъы хицауад, хæцæнгарзы æдасдзинады гарантитæ нæ ратта.
Ныр фæнысангонд зотыхтæ Канадæйы, сæрмагондæй та Монреалы уæвæг æвæрæны сты æвæрд.
Украинæйы хицауад æнæиу хатт æрсидтис Канадæмæ, хæцæнгарзы раттыны æркуырдæй. Æхсæз мæйы размæ Джастин Трюдойы хицауад Украинææм хæцæнгарзы экспортыл тобæ аивынимæ сразы ис, фæлæ хицауад нæ дзуры, сæххæст ис æви нæ Киевмæ хæцæнгарзы адæвæрд.