Канадæ рамбылдта æстæм сыгъзæрин майдан

Пхенчханы  Олимпиадæйы  дæсæм бон,   майданты   фыццаг комплект райуæрстой  сылгоймæгты æхсæн  фристайлы дисциплинæ   хайпайпы.

Сыгъзæрин майдан рамбылдта канадайаг    Кесси  Шарп.  Йæ сеппæтæй   хуыздæр фæстиуæг уыдис –   95,80 баллы.

Ерысы æвзист   рамбылдта –  францаг  Мари Мартино, 92,60  баллимæ.   Бронзæ майданы хицау ссис,  фристайлисткæ   АИШ-æй  Брита  Сигурни   91,60 баллимæ.

 

Олимпиадæйы репортажты  фенын уæ бон у   ам  Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)