Къамтæ катастрофæйы бынатæй – Италийы хиды ныккæлыны фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц райрæзт
Ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, Италийы портон сахар Генуяйы хид кæй ныккалдис уый фæстиуæгæн, 22 адæймаг фæмард. Фæцæф сты дæсгай адæймаг. Фæмардуæвджыты нымæцы ис иу сывæллон. Инцидент сæумæрайсомы сахатты æрцыд.
Хиды 200 метрон фадгы æнæнхъæлæджы ныккалдис æмæ бетоны массæ йæ бын уæвæг цæрæн корпус æрхаста. Ныккæлыны фæстиуæгæн хидæй ахаудысты автомобильтæ дæр.
Кæлддзæгты бын чи фæцис уыцы адæмы ирвæзынгæнæн операци цæуы уагъд.
1960 азы амад хидæн реконструкци сырæзт 2016 азы. Фæлæ бынæттонты фидиуæнæй, хидыл ремонтон куыстытæ арæх цыдысты. Развæлгъау информацийæ, æрцæугæйы аххосæй растдæр инженерон конструкцийы фæлдурæджджындзинад хонынц.
Фыццаг Къаналæн Италийы Гуырдзыстоны минæвар Давит базерашвили куыд фехъусын кодта афтæмæй, инциденты фæдыл Гуырдзыстоны минæварадмæ æххуысмæ ничи басидтис. Давит базерашвили куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны минæварад ныридæгæн баздæт уæлвæтк уавæрты фæткдар куыстмæ.