Италийы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн скусын кодтой тæвд хахх
Италийы уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн скусын кодтой  тæвд хахх

Италийы уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн скусын кодтой  тæвд хахх.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  информацийæ, Италийы  уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн  сæ бон уыдзæн  24 сахаты  дæргъы   фæдзурой   Италийы  Гуырдзыстоны  минæварады  тæвд  хаххмæ: +39 333 8879123.

Фæсарæн хъуыддæгты мнистрады   информацийæ,   абон зæгъæн ис  11:30 сахатыл,  штормы фæстиуæгæн,   сахар Генуяйы   автофæндагон  хиды  ныккæлыны  тыххæй, гуырдзыстоны минæварад  уæвы   æнæаскуынгæ  контакты,  Италийы  æмбæлон  уагдæттимæ.

Италийы   уæлвæтк уавæрты  фæткдар куысты   информацийæ,   ацы этапыл  æнамонд  цауы амæттæгты  идентификаци  нырмæ нæ фæцис,  æмæ  информаци фæмардуæвæг  кæнæ  фæцæфуæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдыл  сæм нæй.

Гуырдызстоны  æддаг хъуыддæгты уагдоны  куыд хъусын  кæнынц  афтæмæй,   бынатыл   кусынц   тагъд  медиционон æххуысы,  зынгвæдисон  æмæ ирвæзынгæнæн   куыстыты  бригадæтæ.   Уæлæмхас  æххуысгæнæг  бригадæтæ Генуямæ  ныццыдысты   хæстæг   сахартæй  дæр.   Абон  изæр, Генуямæ  араст уыдзæн  Италийы  премьер-министр  Джузеппе Конте дæр.