Кахеты магистралы фыццаг цыппаркилометрон хай автотранспортæн гом у
Кахеты магистралы фыццаг цыппаркилометрон хай автотранспортæн гом у

Кахеты магистралы фыццаг цыппаркилометрон хай автотранспортæн гом у

Даргъ кæны, баззайгæ дыууæ хайы амад æмæ нæ бон у расидæм, цæмæй 35 –километрон магистралы амад фидæн азы фæуыдзæн –уый фæдыл регионалон размæцыды æмæ инфраструктурайы министр Ираклий Карселадзе, Кахеты магистралы бабæрæгы рæстæджы расидтис.

Тбилис–Сагареджойы 35 километрон магистралыл фыццаг цыппар километрон, цыппар фæндагон хайы амад фæцис æмæ фæндагы хайыл автотранспорт змæлы. Проект паддзахадон бюджетæй у финансиргонд æмæ йæ аргъ 64 милуан ларийы онг у. Тбилис-Сагареджойы магистралон фæндагы баззайгæ 31 километры амад интенсивонæй даргъ кæны. Куыстыты 50% æххæстгонд у æмæ амады фæуд 2024-æм азы у плангонд. Проекты фæлгæтты цæуы амад цыппархаххон цемент-бетоны, рухсы системайы ифтонггонд автомобилон фæндаг.

Æнæхъæнæй 35 километрон фæндагы амады аргъ 527 милуан лари у.