Кахабер Сабанадзе мидхъуыддæгты министры хæдивæгы постæй йæхи суæгъд кодта
Кахабер Сабанадзе мидхъуыддæгты министры хæдивæгы постæй йæхи суæгъд кодта. Уый фæдыл Сабанадзе фыссы «Фейсбукы».
«Фæнды мæ фæстаг периоды медийы ацæугæ сюжеты кой ракæнын æмæ хаххгондæй банысан кæнын, цæмæй азты дæргъы службæ кодтон паддзахадæн æмæ хъахъхъæдтон закон, кæцыйы лæмбынæг сыххæст уыдис, ныр дæр у æмæ уыдзæн мæнæн секгасдæр ахсджиаг.
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уæлдæрбанысангонд факт бацахуыр кæнын хъæуы, уый тыххæй дæр хъуамæ ацæуæд æххæстаргъджын æмæ объектон фæдагуырд, кæцы рабæрæг кæндзæн рæстдзинад. Фæнысангонды тыххæй, фæдæвзарæг процессы æрдæм æууæнкы нысанæн, мæхи уæгъд кæнын куыстæй! Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый уыдзæн прецедент алы бæрзонд гæсæн, æхсæнадон объективонæй сæвзæргæ фарстыты цауы бæрзонд стандартты бæрнæй куыд архайа уымæн.
Фæнды мæ бузныг зæгъын алы намысыджын пъæлицæйагæн, кæйыимæ иумæ азты дæргъы куыстам. Системæйы кусынц хъайтартæ, кæцыты уæхсчытыл æнцой у нæ бæстææйы æдасдзинад, мæ зæрдæ сын æнтыстытæ зæгъы фыдыбæстæйæн сæ службæйы», – фыссы Кахабер Сабанадзе.
Кахабер Сабанадзе мидхъуыддæгты министры хæдивæгæй уыд 2017 азæй.