Каха Кучъавайы  фыццаг официалон визит Брюсселмæ  абон  райдайы
Каха Кучъавайы фыццаг официалон визит Брюсселмæ абон райдайы

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Каха Кучъавайы  фыццаг официалон  визит Брюсселмæ  абон  райдайы.   Визиты фæлгæтты   Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  фембæлдтæ ауадздзæн    европарламенты президент Девид  Мариа Счасолиимæ. Каха Кучъава  афтæдæр  европарламенты  комитетты  къухдариуæггæнджытимæ æмæ политикон кордты  минæвæрттимæ фембæлдзæн.

Афтæма  плангонд у   Гуырдзыстоны  парламенты сæрдары фембæлд сыхагон  политикæйы  æмæ ауæрæхы  фарстæты  Евроцæдисы  комиссар   Оливер Вархейимæ, НАТО-йы генералон нымæрдары хæдивæг Джоана  Мирчеаимæ.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Кучъавайы  визит Брюссельмæ  20 майы онг аххæсдзæн.