Эргнеты инцидентты превенцийы æмæ сыл реагиркæнынады механизмты фæлгæтты кусæн корды фембæлд ПÆК-ы информацион аналитикон департаменты хистæры хæдивæг Каха Кемоклидзе протесты нысанæй ныууагъта.
Кемоклидзе куыд дзуры афтæмæй, фембæлдыл дыууæ сæйраг фарст бавдыстæуыд, кæцытæ æххæссыдысты Арчил Татунашвилийы марды раласынмæ æмæ уыцы дыууæ æмбæстагы фарстмæ, кæцытæ оккупацигонд Цхинвалы сты.
«Тынг уæззау рабадт уыд. Абоны фембæлдыл дыууæ фарст бавдыстам, Татунашвилийы фарсты кæсыны контексты, кæд радæтдзысты марды йæ бинонтæн æмæ кæд ратдзысты дыууæ æмбæстагæн централон хицауады кантролгонд территоримæ рахизыны бар.
Сахат æмæ æрдæджы дискуссийы фæстæ, иунæг фарстыл дæр дырыс дзуапп нæ райстам. Аскуыддзаг кодтам, цæмæй ныууагъдаиккам раббадт. Цæттæ стæм адарддæр кæнæм алы нысаниуæгджын фарсты кæсын, фæлæ уый фæстæ Татунашвилийы марды йæ бинонтæн куы радæтдзысты æмæ Гуырдзыстоны уыцы дыуæ æмбæстагы рауадздзысты кæцыт ацы рæстæгмæ сты оккупацигонд Ахалгоры территорийыл. Мард ныр ис Цхинвалы. Æрмæджытæ æрвыст сты Уæрæсейы иуæй-иу экспертон бюромæ. Кæцы бюромæ арвыстой хъуыддаг, уый нæ хъæр кæнынц, афтæдæр нæ конкрет кæнынц, кæд радæтдзысты Татунашвили марды йæ бинонтæн. Хъусын кæнынц, цæмæй райсдзысты уырыссаг экспертон бюройæ хатдзæг, æмæ уæд суыдзæн сæ бон марды радæттын экспертон бюройы хатдзæгимæ иумæ. Алцыппæт ай у категорионæй нæрайсгæ , æмæ уымæ хъуыстам мах æнæхъæн боны дæргъы уыдонæй. Уый тыххæй дæр тыхбын баистæм абоны рабадт ныууадзын» – загъта Кемоклидзе.