Каха Каладзейы фидиуæнæй, зæгъгæ афæдзы кæронмæ горæты иунæг а.х. бургъуыз микроавтобус дæр нал змæлдзæн
«Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон гуырдзыстоны» Тбилисы мэртæ кандидат Каха Каладзе æхсæнадæн радзырдта транспортон политикæйы сæйраг æрдæмадты тыххæй.
Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, транспортон политикæйы сæйраг æрдæмадтæ сты – «зæндджын» транспортон системæ; 380 ног автобус; микроавтобусты раивын; дæс ног транспортон кæлидор; метройы ног вагонтæ; бæлццонон абонемент; рæтæн фæндаг; вело-фæндæгтæ; такситы реформæйы æртыккаг этап.
«Зæндджын» транспортон системæ æнæмæнгæй æрбиноныг кæнинаг у, кæцы нын ратдзæн фадат, цæмæй горæты змæлд фенцондæр уа; Тбилисы змæлдзæн 380 ног автобус, кæцытæй 180 иуæг уыдзæн аст метры дæргъæн, иннæ азы та хъавæм 200 иуæг 18 метры дæргъæн автобустæ балхæнын; горæты арызт уыдзæн дæс транспортон къæлидор, кæцытæй æхсæнадон транспортон тынг тагъд æнæкуылымпыйæ змæлдзæн; афтæма нысаниуæгджын у метройы вагонты ранæуæг-реабилитаци. Алы вагоны кæцытæн реабилитаци хъуыдис, ранæуæг кодтам. Сарызтам тендер 40 иуæг, европаг типы вагонты балхæдыл æмæ цæугæ мæйы кæронмæ нæм уыдзæн уæлахизгонд компани; бæлццонон абонементы æрдгæй куыст дæр тынг нысаниуæгджын у. Ис нын интегриргонд тариф, кæцыйæ сахатмæ æрдæджы дæргъы, æндæр æхсæнадон транспортæй спайда кæныны фадат ис; афтæдæр ис дыууæ конкретон хахх, кæцытыл иннæ азы дæргъы гæнæн бауыдзæн рæтæн фæндæгты саразын; вело-фæндæгты проектты сыххæст, цæй зæгъын æй хъæуы, фидæны дæр цæудзæн æмæ сæйраг горæты 260 километрæй фылдæр дæргъæн вело-фæндæгтæ фæзындзæнис; такситы реформæйы æртыккаг этап дæр æнæмæнгæй сыххæст уыдзæн, кæцы фыццаджы дæр такси тæрджытæн уыдзæн нысаниуæгджын, цæмæй бæрæг бенефиттæ сæм уа æмæ афтæдæр уыцы адæймæгтæн, чидæридæр таксийы сервисæй фæлхас кæны», – банысан кодта Тбилисы мэртæм кандидат Каха Каладзе.