Каха Каладзе – Украинæгтимæ иумæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ дæр дзæбæх зонæм сабырдзинады аргъ
Кæцыфæнды хъуыддаг, æнтыст йæ аргъ сафы, кæд æмæ сабырдзинад нæй. Уый тыххæй махæн цъус зынæмбарæн уыд, ацы азы ногазон слоган – сабырдзинады горæт-ы фæдыл бирæ спекуляцитæ уыд, – уый тыххæй сæйраг горæты мэр Каха Каладзе Тбилисы сакребулойы афæдзон хыгъдлæвæрд бавдисыны рæстæджы райхъусын кодта.
«Кæцыфæнды хъуыддаг, æнтыст йæ аргъ сафы, кæд æмæ сабырдзинад нæй. Райрæзт, фидæнон плантæ æмæ перспективæтæ, проекттæ нысаниуæгджын сты æрмæстдæр сабырадон горæты. Растдæр ацы цауы ис нысаниуæг нæ куыстæн, ахуырæн, сфæлдыстадæн æмæ тырнынадтæн. Уый тыххæй махæн цъус зынæмбарæн уыд, ацы азы ногазон слоганы – сабырдзинад горæты фæдыл, – бирæ спекуляцитæ уыд.
Сабырдзинад куыд зынаргъ у, алкæмæй хуыздæр уый абон нæ хæлар украинаг адæм зоны. Уый тыххæй дæр ацы аз растдæр сабырдзинад æмæ уыимæ иумæ, уæлахиздзинады фæндтæ сын зæгъы мæ зæрдæ сæрибардзинадæн тохгæнæг алкæцы адæймагæн. Сабырдзинады арфæтæ зæгъы мæ зæрдæ нæ адæмæн æмæ нæ горæтæн. Украинæгтимæ иумæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ стæм уыцы адæм, кæцытæ дзæбæх зонæм сабырдзинады аргъ. Хъыгагæн, тынг дзæбæх зонæм, цы нысан кæны, дæ бæстæйы хæст куы ис уый. Æппæт уый тыххæй, зынæмбарæн у, цæмæн сын фæцагайдта ныхас сабырдзинад сæ зæрдæтæ нæ оппоненттæн æмæ цæмæн тох кодтой æмæ тох кæнынц ацы слоганы ныхмæ. Фæлæ кæд оппонентты политикон фæндты æрдæмад, гъæд æмæ нарæг политикон интерестæм æркæсдзыстæм, уæд алцыппæт æргом æмæ бæрæг суыдзæн», – райхъусын кодта Каха Каладзе.