Каха Каладзе – Тбилис  алкæй горæт у
Каха Каладзе – Тбилис алкæй горæт у

Мунниципалитетæн йæ сæйраг рард у транспортон  политикæ  ауадзын  æмæ фыццаджы дæр,  æхсæнадон транспортыл æркуырд райрæзын кæнын, –  уый фæдыл Тбилисы  мэр, Каха Каладзе Тбилисы  автобусы  транзитон  кæлидоры  презентацийыл  райхъусын кодта, кæцыйыл   æхсæнадæн транспортон  политикæйы сæйраг  æрдæмадтæ  бавдыста.

Каха Каладзейы  дзырдæй,  зæгъгæ нысаниуæгджын  у   сæйраг  горæты   фылдæр  хахх  фæзына  автобустæн, цæмæй  æмбæстæгтæн  уа фадат комфортонæй  пайда кæной муниципалон транспортæй.

Афтæма, Каха Каладзейы дзырдæй,  зæгъгæ  горæт,  канд   хæдтулгæты хицæутты нæ фæлæ,  алкæйдæр у, фистæгæй цæуджыты, автобустæй,  велосипедтæй  кæнæ æндæр транспортон   фæрæзтæй  чи пайда кæны,  уыдоны  интерестæ  зæрдыл бадарын дæр æнæмæнгхъæугæ у.

«Ацы горæт  алкæй горæт у.  Æмбарын   сæрмагонд хæдтулгæты  тæрджыты фæнд,  мæхæдæг хæдтулгæ тæрын, фæлæ ма хъуамæ рох кæнæм  уыцы  адæймæгты, чидæриддæр   фистæгæй змæлы, æхсæнадон транспортæй, электро-скутертæй, кæнæ велосипедтæй змæлынц. Уый тыххæй дæр, фæндагон тыгъдадты æмбæрцæй райуарын хъæуы.  2012 азы  онг  Тбилисы  зæгъæн ис 180 мины онг  хисæрмагонд хæдтулгæ  змæлыд.  Абон  600 минæйы фылдæр сты, ацы  нымæц  та рæзгæ у.  Æмæ кæд ацы тенденци  адарддæр уыдзæн, уæд  фæзындзæн тынг стыр проблемæ. Фæнды мæ  ацы реформæ райдаын  æмæ  каронмæ бакæнын.  Гæнæн ис, алы  уынгдæр   афтæ  саразын нæ бафæразæм, куыд Чъавчъавадзейы проспект, фæлæ этапгай, алы проекты дæр нын уый æнгæс ахаст уыдзæн. Фæзынын кæндзыстæм  автобустæн хаххытæ», -банысан кодта  сæйраг горæты мэр.