Каха Каладзе сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн социалон хызагы арфæйы фыстæг публикаци кæны
Сæйраг горæты мэр Каха Каладзе сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн социалон хызагы арфæйы фыстæг публикаци кæны.
«Сылгоймæгты æхсæнадæмон бон арфæ кæнын нæ рæсугъд сылгоæймæгтæн, кæцыты фæллойкæнынад, нысантырнындзинанд, зондджындзинад, зæрдиагдзинад, æмæ цæй зæгъын æй хъæуы уарзондзинад нын рухс кæны нæ зæрдæтæ.
Сидын Гуырдзыстоны цæрæг уыцы сылгоймæгтæм, кæцытæ хъыгагæн, тыхмидзинады амæттаг фесты кæнæ ныр дæр ййафынц æндæр æмæ æндæргъуызон зындзинæдтæ – ма тæрсут, ма ныхъхъус ут, проблемæты тыххæй æргомæй дзурут, уæ барты сæрыл хæцут, сымах иунæджытæ не стут, уæ сæрыл дзурдзæн паддзахад æмæ уæ фарсмæ стæм мах, æхсæнад, кæцыйæн бынтон нæрайсгæ у æфхæрд æмæ тыхмидзинад.
Алы сылгоймагæн арфæ кæнын абон бон, амондджын, æнтыстджын æмæ æнæниз куыд уат уыцы амонд уын уæнт!» – фыссы Каха Каладзе.