Каха Каладзе – Сидын уæм сабырдзинад бахъахъхъæнынмæ, тыхмидзинад æнæруадзгæ у
Сæйраг горæты мэр Каха Каладзе Тбилисы айтынггонд фæзындты фæдыл алкæмæ сабырдзинадмæ æрсидтис.
Каладзе социалон хызагы куыд фыссы афтæмæй, зæгъгæ алчи йæ зæрдыл хъуамæ дарæт, цæмæй бацауæрдæт журналисттыл. Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, медиа, дунейы тæвд рæтты дæр æнæфæцагайгæ у.
«Мæ хæлæрттæ, æмгорæттæгтæ, сидын уæм алкæмæ сабырдзинадмæ. Æнæруадзгæ у тыхмидзинад. Тынг æвзæр факттæ фиксир кæны, æнахъомтæм лæбурдтытæ, сылгоймæгтæм, туристтæм дæр. Кæсы нæм Гуырдзыстоны знаг æмæ хæлæрттæ дæр. Æнæруадзгæ у афтæ уынгты рауай-бауай кæнын, æнæруадзгæ у агресси. Уæ зæрдыл дарут алчи, цæмæй бацауæрдын хъæуы журналисттыл. Медиа æнæхъæн дунейы тæвд рæтты та æнæфæцагайгæ у. Нæ æхсæнадæн фидиссаг ми ужурналистты æрдæм агресси. Раттут сын кусыны фадат», – фыссы Каха Каладзе.