Каха Каладзе - Сæйраг горæты бургъуыз автобустæ афæдзы кæронмæ æххæстæй ивд æрцæудзысты
Сæйраг горæты мэры, Каха Каладзейы куырдиатæй, афæдзы кæронмæ æххæстæй ивд æрцæудзысты бургъуыз автобустæ.
Каха Каладзе сæйраг горæты хицауады рабаддтыл куыд фехъусын кодта уымæ гæсгæ, горæтæн зæгъгæ иттæг нысаниуæгджын у транспортон политикæ.
«Афæдзы кæронмæ æххæстæ раивдзыстæм бургъуыз автобусты. Тбилисæн уыдзæн «Евро 6»-ы типы экологионæй сыгъдæг автобустæ. Ацы реформæйы нын æххуыс кæны Азийы Рæзынады Банкъ, кæцы кусы æппæт горæты масштабæй транспортон генералон пъланыл, цæмæй зонæм бастдзинæдтæ, хызæгтæ, велосипедты фæндæгтæ, ног фæндæгтæ, цы хъæуы уый æппæт саразынæн. Европæйы Реконструкцийы æмæ Рæзынады Банкъ нын æххуыс кæны, цæмæй автобусты хызæгтæ, маршруттæ нын уа хæрзбакуыст, кæцы иттæг нысаниуæгджын у. Азийы Рæзынады Банкъы проекты тыххæй куы зæгъæм, уæд горæты транспортон генералон пълан августы хъуамæ уыдаит цæттæ, фæлæ азы кæронмæ æрцæудзæн хасть ацы датæ», – фехъусын кодта Каха Каладзе.