Каха Каладзе – Ноджы иу хатт зæгъдзынæн, цæттæ дæн закъонмæ гæсгæ бæрн мæхимæ райсын, кæд æмæ мæ аххосджындзинад рабæрæг уыдзæн уæд

12:19, 19.10.2022

Цалдæр боны размæ   сарызтон  фидиуæн æмæ  мæ  ноджы иу  хатт фæнды зæгъын,  сæрмагондæй мæхæдæг  цæттæ дæн, кæд æмæ,  цъус  уæддæр  рабæрæг уыдзæн мæ  аххос,  уæд закъонмæ  æмблгæйæ  карз æфхрдмæ  раттон мхи –  уый фæдыл сæйраг горæты  мэр  Каха Каладзе, Тбилисы  хицауады рабадтыл  райхъусын кодта.

Каха Каладзе  куыд  загъта афтæмæй,   Вакейы паркы  трагедийыл  фарстытæн  дзуапп хъуамæ раттæт  фæдагуырд.

«Цы æрцыд, уыцы æнамонд бон, ацы фарстыл дзуапп хъуамæ раттæт фæдагуырд, кæцыимæ  нæ уагдон æххæстæй æмкуыст кæны.  Ахст сты  фараст уæнгы, сæ нымæцы  мэриайы кусæг.  Нæй мæм бар, аргъ скæнон фæдагуырды процессæн.  Закъоны раз алчи    бæрнон æмæ æмсæр  у. Иу цы дæр  мæ фæнды  зæгъын,   закъон нæ уыдзæн нæдæр  æгæр фæлмæн æмæ  нæдæр æгæр карз  искæмæ.

Мæнæн риссаг у, цæмæй  зылынмæ лæвæрдты æхсæн  ис мэриайы кусæг  дæр, фæлæ  рæстдзинад сбæрæг кæнын у  иунæг,  кæцы  нын цъус уæддæр фæрогдæр кæндзæн нæ уавæр.  Ныфс мæ ис, рæстдзинад сбæрæг уыдзæн  алкæй æрдæм  æмæ  ницы фарстытæ  баззайдзæн æнæдзуапп», –  райхъусын кодта Каха Каладзе.

Хуыздæр