Каха Каладзе - Ницы цауы не руадздзыстæм Саакашвилийы, Вашадзейы æмæ йæ уырыссаг политтехнологты анонсгонд революцион плæнтты сæххæст
Ницы цауы не руадздзыстæм Саакашвилийы, Вашадзейы æмæ йæ уырыссаг политтехнологты анонсгонд революцион плæнтты сæххæст, закъонæй фæзилыны кæцыфæнды барадсасты цауы, уыдон дзуаппмæ лæвæрд æрцæдзысты – уый фæдыл политикон иугонд «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» генералон нымæрдар Каха Каладзе брифнгыл райхъусын кодта.
Каладзейы ныхæстæм гæсгæ, хицауад зæгъгæ хорз информаиргонд у æмæ цæттæ у цыфæнды провокацийыл æмбæлон реагир кæнынмæ.
«Националон Змæлды» æмæ сæ уырыссаг политтехнологты фæндтæ ныридæгæн фæстагмæ раргом сты. Мæйты дæргъы дзурæм, цæмæй «Националон Змæлды» плæнттæ, æвзæрстытимæ нæ фæлæ ма баст сты революцион сценариимæ. Ацы сценаримæ, «Националон Змæлд» пайда кæны алы амæлттæй, уыдон цыфæнды сырх заззæй ахызтысты æмæ гуырдзиаг æфсадмæ дæр ма бавнæлдтой, ацы æнæагайгæ институты ном счъизи кæнын бафæлвардтой æмæ партион нысæнттæн спайда кæнын уый æппæтæй. Уыдон алцы бакæнджытæ сты, цы фæнды цъаммар ми уæт, уæддæр нæ зæгъгæ – нæ зæгъдзысты.
Мах куыд бæрнон политикон тых, нæ сын ратдзыстæм ницы фадат, мæнгдзинадыл бындурæвæрд пропагандæйæ, сæрмагонд фыдракæндты хицауады æфсон фæкæныны руаджы, æнæуромгæ стрессы дарой нæ дзыллæ. Уый тыххæй дæр кæддæриддæр сæ раргом кæндзыстæм сæ гæдыдзинады æмæ æмбстæгтæн бавдисдзытæм реалон информаци.
Хицауад хорз информиргонд æмæ цæттæ у кæцыфæнды провокацийыл æмбæлон региркæнынмæ. Мах Ницы цауы не руадздзыстæм Саакашвилийы, Вашадзейы æмæ йæ уырыссаг политтехнологты анонсгонд революцион плæнтты сæххæст кæнын нæ бæстæйы! закъонæй фæзилыны кæцыфæнды цауы, уыдон дзуаппмæ лæвæрд æрцæудзысты» – райхъусын кодта Каха Каладзе.