Каха Каладзе - мæ бон мæхицæй раппæлын у, Тбилисæн Европæйы иуæй-иу сеппæтæй хуыздæр æхсæнадон транспорт уыдзæн
Тбилисы мэр Каха Каладзе сæйраг сахары хицауады абоны рабадтыл æхсæнадон транспорты реформæйы тыххæй ноджы иу хатт фæныхас кодта æмæ бахахх кодта микроавтобусты фæивыны æнæмæнгхъæуындзинад. Каладзейы дзырдæй, микроавтобусты абоны уавæр, критикон у.
«Æнæмæнгæй хъуамæ фæивæм микроавтоубстæ, уымæн æмæ сæ уавæр ницы критикæйæн фæразы. Сты тынг уæззау уавæры, серьозон дискомфорт у бæлццæттæн. Комкоммæ мæ бон зæгъын у, цæмæй цы фæздæг калынц уымæ гæсгæ нын катастрофон уавæр ис. Аразæм конкретон къахдзæфтæ, цæмæй уæвæг проблемæтæ аскуыддзаг кæнæм. Ацы проблемæ æрмæст микроавтобусты æмæ æхсæнадон транспорты ранæуæгæй на алыг уыдзæн, фæлæ нысаниуæгджын компонент у» – райхъусын кодта Каха Каладзе.
Тбилисы мэр, вице-мэрæн сæйраг сахары хицауады раззаг рабадтыл бахæс кодта, дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ бавдыстаит конкретон план, цæмæй куыд æрцыдаит сахары змæлæг микроавтобусты ивд. Каладзе абон ноджы иу хатт банысан кодта, цæмæй компани, кæцы сахары микроавтобустæй архайы, хъуамæ хæсджын скæной, йæ микроавтобусты раивын- ранæуæг кæнын.
«Æхсæнадæн дзырд раттам, цæмæй Тбилисы æхсæнадон транспорт уыдзæн сеппæтæй хуыздæр. Мæ бон у мæхицæй раппæлын, цæмæй ацы проект кæронмæ куы сыххæст кæндзыстæм, уæд Европæйы иуæй-иу сеппæтæй хуыздæр æхсæнадон транспорт уыдзæн Ьбилисæн. Адон уыдзысты ног автобустæ. Параллелонæй микроавтобустæ æнæмæнгæй хъуамæ æрцæуой ивд, таксийы реформæ, кæцы æнтыстджынæй цæуы æмæ æцгæдæр тынг дзæбæх у, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æхсæнад уый уыны. Реформæ нырма нæ фæцис æмæ дзы уыдзæн фæдылдзог этаптæ. Афтæдæр метро, кæцы абон сеппæтæй фылдæр бæлццоны ласы абон» – райхъусын кодта Каха Каладзе.