Каха Каладзе, Мухианийы спортивон комплексы уæвæг уавæры схуыдта хуыдиаггаг æмæ æнæруадзгæйæ
Худинаггаг у ам цы федтон уый – майы цы спортивон комплекс æрбайгом ис уый абон ногæй рацалцæг кæнинаг у – уый фæдыл Тбилисы мер Каха Каладзе, Мухианийы спортивон колмплексмæ визиты рæстæджы загъта.
Каха Каладзе йæ хидæвг Ираклий Бенделианийæн бахæс кодта, æнæаргъæвгæйæ фембæла компани «Сабаконстракшены» къухдариуæгадимæ, цæмæй сахъаттæ афоныл рараст кæной. Тбилисы меры дзырдæй, уæвæг уавæр æнæмæнгæй хъуамæ рараст уа.
«Спортивон комплекс майы æрбайгом ис, 7 милуан лари бахардз ис проекты сæххæстыл æмæ ай у бæлвырд дæнц уыйы, цæй аразын нæй гæнæн. Бахæс кодтон цæмæй æнæаргъæвгæйæ фембæлой компаниимæ кæцы, сæххæст кодта фæнысангонд куыстытæ, 7 милуан бахардз кодта проектыл æмæ уый цæмæй ахæм уавæры ис колмплекс, категорионæй æнæруадзгæ у. Нæ бафидаудзыстæм ахæм митимæ, уымæн æмæ ориентацигонд стæм бæрзонд хъæдыл, ам хъуамæ хъомыл кæной нæ хъæбултæ, фидæн фæлтæр æмæ уый тыххæйдæр гъæд хъуамæ уа максималонæй бæрзонд» – расидти Каха Каладзе.