Каха Каладзе - Къоджоры уынгы №3 цæрæн хæдзары цур уæвæг æнцойкъул йæ фыццагон хуызæй хъуамæ сног уа [видео]

«Къоджоры уынгы №3  цæрæн хæдзары   цур уæвæг  æнцойкъул  йæ фыццагон  хуызæй хъуамæ сног уа» –  уый фæдыл  абон Тбилисы мер  Каха Каладзе  загъта æмæ  сисы  арæзтадмæ гæсгæ  дзыллæйы бæрæг хайы критикæйæн ратта дзуапп.  Каха Каладзейы дзырдæй,   сæйраг сахары  зæронд бæстыхæйтты реабилитацийы  æмæ  фæфидар кæныны  куыстыты рæстæджы,  максималон  хъавгæдзинад хъæуы, цæмæй  ногæй  рацарæзт   йæ фыццагон хуызæй  æмæ   культурон  бындарады  цыртмæ æмбæлгæ  æгъдæутты æххæст бахъахъæдæй  сыххæст уа.

Тбилисы меры фидиуæнæй,   ахæм  реабилитацион  -сноггæнæн куыстытæ  гамгеба нæ фæлæ, Тбилисы   райтынгы  фонды  стандарттæм куыд æмбæлы афтæ хъуамæ  сæххæст кæна.

Тбилисы меримæ иумæ  бынатыл уыдысты  меры хæдивæг  Ираклий Бенделиани, Мтацъминдайы районы   гамгебели Давит  Киркитадзе æмæ Тбилисы райтынгы  фонды  директор  Гиорги Баидарашвили.

Къоджоры уыныгы №3 сисы арæзтады  скуыддзаг,  Мтацъминдайы   районы  гамгеобав  райста тæвд хаххмæ æрбацæуæг  хъусинагы  бындурыл.

Куыд рабæрæг афтæмæй,   къул уыдис тынг аварион уавæры, кæцы тæссаг уыд  æнæрмæст  бынæттон цæрджытæн, фæлæ ма тротуарыл фистæгæй змæлæг адæмæн дæр.  Фæнысангонды  тыххæй,   районы гамгеба аскуыддзаг кодта  аварион  хайы   демонтажы сæххæст кæнын, кæцыйы фæстæ  цыбырдæр æмгъуыдтæм  Къоджоры уынгы №3  ног æнцойкъул сарызтой.

Фæнысангонд адрисыл уæвæг амортизацигонд   æфсæйнаг  æнцойгæрæн та  хаст æрцыд æвæрæнмæ.