Каха Каладзе хъусын кæны, цæмæй хæдуынаффæйы æвзæрстытæм гæсгæ, æввахс бонты фæныхас кæндзæн
Тбилисы мэр Каха Каладзейы фидиуæнæй, зæгъгæ хæдуынаффæйы æвзæрстыты тыххæй фæныхас кæндзæн æввахс бонты.
Клиникæйæ рацыды фæстæ Каладзе журналисттимæ ныхасы куыд банысан кодта афтæмæй, уый темæйы куыстмæ æххæстæй æрыздæхыны фæстæ радзурдзæн.
«Хæдуынаффæйы æвзæрстыты æмæ кандидаттыл, фидæн бонты дæргъы, куы æрыздæхдзынæн мæ куыстмæ уыдзæн нын бирæ рæстæг ныхас кæнынæн. Алцыппæт уын зæгъдзынæн мæ ахасты æмæ хъудыты фæдыл» – фехъусын кодта Каладзе.
Тбилисы мэр Каха Каладзе клиникæйæ абон рафыстæуыд. Каладзе медицинон цагдонæй рацыды фæстæ райхъусын кодта, цæмæй ацы этапыл йæхи хуыздæр хаты, фæлæ бæрæг периоды дæргъы хос кæндзæнис хæдзары уæвгæйæ.