Каха Каладзе хъусын кæны, цæмæй   Гуырдзыстоны компаниты регистраци кæнын нæ бауыдзæн сæ бон санкцитæ кæмæн æххæссынц уыдонæн
Каха Каладзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны компаниты регистраци кæнын нæ бауыдзæн сæ бон санкцитæ кæмæн æххæссынц уыдонæн

Алы гоймаг  кæнæ компани, кæмæдæриддæр санкцитæ æххæссынц, нæ уыдзæн фадат  Гуырдзыстоны  компаниты  регистрацийы фадат, – уый фæдыл  Тбилисы мэр, Каха Каладзе  райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, уыдæттæ  сбæрæг кæнын æнцон у.

«Уый у  сегасдæр нысаниуæгджын  æмæ сæйраг, уымæн æмæ дунейы  масштабæй  архаынц санкцитæ.  Æхсæнадонæй у  бæрæг, цæмæй  чи æмæ кæцы  компанитæ  сты, кæцытæм баххæссыдысты санкцитæ.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр,  уыдæттæ сбæрæг кæнын у  æнцон.

Ныр та  адæймæгты  тыххæй куы зæгъæм, уæд    никæмæн  аразæм проблемæ.  Бирæ  Уæрæсейы æмбæстаг æрцæуы, афтæма  æрцæуынц Белорусы, Украинайы  æмбæстæгтæ æмæ, кæй  зæгъын æй хъæуы, алкæмæн уыдзæн фадат сæрибар уавæрты  бизнес аразынæн, кæнæ  цæрынæн Гуырдзыстоны  æмæ а.д.», – загъта  Каха Каладзе.