Каха Каладзе - хæлиу кодта дезинформаци, цæвиттон назы бæласы æмæ ногазон мадзæлтты тыххæй, митинггæнджытæн ноябры райдианы цатыртæ сæвæрыны бар нæ дæттынц, уый у мæнг
Æрымысæн кæмæн нæй ахæм хабар у, чи æрхъуыды кодта æфхæрæг æмбæрцады нысан сæвæрын йæ фырт цы лæгæн амардтой уый æмæ назы бæласы æхсæн, уæлдайдæр уæд, мэрийы дзуаппон фыстæджы реалонæй ахæм интерпретацийы ницæй бындур куы нæ уыд уæд – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе райхъусын кодта брифнгыл.
Тбилисы мэр куыд банысан кодта афтæмæй, мэрийы прерогативæ зæгъгæ нæу, искæмæн акцийы ауадзыны бар раттын кæнæ та фæтобæ кæнын. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ мэримæ зæгъгæ ис æрмæстдæр рекомендаци раттыны бар.
«Фыццаджы дæр мæ фæнды зæгъын, мæнæн куыд иу адæймагæн æмæ æнæхъæнæй политикон къордæн адæймаджы джелбетт, йæ бартæ æмæ хъуыдыйы сæрибардзинæдтæ сты сегасæй сæйрагдæр хæзна, кæцыйы хъахъхъæнын дæр, гаранти дæр дзыллæимæ иумæ у æнæхъæнæй нæ къорд, сæрмагондæй мæхæдæг дæр æмæ уыдзынæн кæддæриддæр. Æрымысæн кæмæн нæй ахæм хабар у, чи æрхъуыды кодта æфхæрæг æмбæрцады нысан сæвæрын йæ фырт цы лæгæн амардтой уый æмæ назы бæласы æхсæн, уæлдайдæр уæд, мэрийы дзуаппон фыстæджы реалонæй ахæм интерпретацийы ницæй бындур куы нæ уыд уæд.
Банысан кæндзынæн цæмæй зноны фæзындты тыххæй, медиафæрæзты рæнхъ æмæ политикон оппоненттæ, барæй хæлиу кодтой дезинформаци, цæвиттон назы бæласы æмæ ногазон мадзæлтты тыххæй, митинггæнджытæн цатырты айтындзыны бар нæ дæттынц ноябры райдианы. Бæрæг у уый æмæ ай у æрымысæн кæмæн нæй ахæм мæнгдзинад æмæ хъуыдыйы равдысты процессы æфхæрд.
Акцийы хайадисджытæм, кæй зæгъын æй хъæуы ис бар сабырадон протест равдисой кæм сæ фæнды уым æмæ сæ цы формæйæ фæнды афтæ. Уый фæтобæ кæнын, кæнæ та æруадзын мэрийы прерогативæ никуы уыдис æмæ уый тынг дзæбæх зонынц нæ оппоненттæ.
Хъыгаг у цæмæй æвзæрстыты агъоммæ баталиты фоныл, алы темæйы æнæраст интерпретаци цæуы политикон процессы сызмæнтынæн æмæ уæлдайдæр уæззау уавæры уæвæг адæймæгтæй ацы нысæнттæн спайда кæнын. Нæ мæлæтæн а бæстæйы традицийæ фестадысты ахæм аморалон митæ.
Ноджы иу хатт хъыгдзинад æвдисын Хоравайы уынгыл трагикон фæзындты тыххæй, тæфæрфæс кæнын мастбавзарæг бинонтæн. Уæдмæ цалынмæ Тбилисы мэры пост ахсын, политикон партитæн, нæ ратдзынæн уый бар, ацы трагедийæ спайда кæной сæрмагонд политикон нысæнттæн» – райхъусын кодта Каха Каладзе.