Каха Каладзе хæдзар балæвар кæндзæн уыцы бинонтæн, кæцыты къам Африкæйы цæрæн ранæй социалон хызагы ахæлиу ис
Тбилисы мер Каха Каладзе фатер балæвар кæндзæн уыцы бинонтæн, кæцыты къам Африкæйы цæрæн ранæй социалон хызагы ахæлиу ис. Уый фæдыл сæйраг горæты мер «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл фыссы.
«Ерын æрыздæхтæн мерийæ æмæ мæ бон нæу ма ныффыссон, куыд мер нырид фæныхас кодтон абон фæзындты фæдыл, фæлæ мæ хисæрмагонд позици хъуамæ ныффыссон – медиайы райдыдтой фыд æмæ хъæбулты къам публикаци кæнын, куыд зианбавзарæг афтæ, мæ зæрдæ фæрысти, гæдыдзинады тиражир кæнынæн сывæллон цæмæн ауæлдай кодтой зæгъгæ? Уый ма дæр ахъуыды кодтон зæгъгæ йæ цæсгом уæддæр бамбæхстаиккой, чи зоны бинонты нæ фæнды лæппуйы цæсгом равдисын…. Афтæ хъуыды кæнын æмæ ацы арæнæй бынмæ никуы ныххызтаиккам, æмæ антипиары нысанæн сывæллоны руаджы архайæм.
Фæстæдæр, куы рабæрæг ис, цæмæй сывæллон æмæ йæ фыд уым цардысты, уæд сыл мæхи æмæ мæ хъæбулты къамтæ дæр баныхæстой. Мæ бон смæсты кæнын дæр нал у, æмæ цыма дис дæр нал кæнын.
Ахæм адæймæгтæн ма уын æндæр цы зæгъон? – ахæм уагахаст у уæ барæвзар. Ныр мæнæн сæйраг у уый, цæмæй мæ бон баххуыс кæнын куы вæййы, уæд æххуыс кæнын, афтæ мæ хъомыл кодтой, уый амонын мæ хъæбултæн дæр. Хъайтардзинад у иунæг лæг 6 хъæбулы хъомыл кæны æмæ мæнæн иттæг ныысаниуæгджын у баххуыс йын кæнон. Изæрыгомау базыдтон, цы уавæрты цæры æмæ мæхи сæрмагонд лæвар, мæ бинонты номæй, уыдзæн хæдзар уыцы бинонтæн.
Ай йас фыдзæрдæдзинады, хахуырты æмæ гæдыдзинады фоныл, ацы бинонтæн сæ зæрдæ барухс кæнын абон боны фæстиуæг мын у», – фыссы Каха Каладзе.