Каха  Каладзе  юбилеон «Метромани»  Тбилисы хицауады рабадтыл  бавдыста
Каха Каладзе юбилеон «Метромани» Тбилисы хицауады рабадтыл бавдыста

Юбилеон «Метроманийы»  райсын   бæлццæттæн  сæ  бон уыдзæн 23 -26  майы    æнæфибгæйæ –  уый фæдыл  Тбилисы мэр Каха  Каладзе  сæйраг  сахары   хицауады  абоны рабадтыл  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Метромани»   нывонд æрцыд  Гуырдзыстоны фыццаг демокративон республикæйы  100 азы  юбилеймæ.

Тбилисы мэр афтæдæр фæныхас кодта  сахары  æхсæнадон транспорты  æрбиноныг кæныныл  æмæ ацы  æрдæм  плангонд  проектыты тыххæй.

«Сахары  æхсæны транспорты  проблемæ  ис  æмæ   план кæнæм  бур автобусты,  ног экологионæй  сыгъдæг,  европаг типы   автобустæй  раивын. Афтæдæр план кæнæм,  метройы  вагонты  реабилитаци скæнын  æмæ   ног   европаг типы  вагонтæ æрласын.  Знон  дыууæ  сконды   реабилитацион куыстытæ  фестæм.   Сабурталойы  хаххыл змæлдзæн æхсæз  ног вагон.  Афтæдæр уын бавдисдзыстæм  ног  «Метромани»  кæцы специалонæй  демокративон  республикæйы  сæвзæрдæй,  100 азы  юбилеймæ  гæсгæ  сырæзт.  23-æй 26-æм  майы банымадæй, бæлцæттæн, кæй фæнды  уыдонæн  сæ   бон у   картæтæ  райсын æнæфидгæйæ» – райхъусын кодта  Каха Каладзе.