Каха Къаладзе – Гуырдзыстоны ныхмæ шантаж æмæ æрылхъывд  даргъ кæны ног æнæвизон балцы уагæвæрды фæдыл
Каха Къаладзе – Гуырдзыстоны ныхмæ шантаж æмæ æрылхъывд даргъ кæны ног æнæвизон балцы уагæвæрды фæдыл

Сæйраг сахары мэры ныхасмæ гæсгæ, Евроцæдисы æрдыгæй æнæвизон змæлды фæурæды критериты фæхуымæтæгдæр кæныны уагæвæрды фæдыл ныхас, шантажы хай у.

Каха Къаладзе абон журналисттимæ ныхасы рæстæджы куыд банысан кодта афтæмæй, уый у уыцы риторикæйы адарддæр, кæцыйæ Евроцæдис Гуырдзыстоны æрдæм фæстаг азты дæргъы пайда кæны.

«Шантаж æмæ тæссагдзинæдтæ дарддæр кæнынц.Гуырдзыстоны фæдыл бирæ расидæнтæ фехъуыстам.Ацы бабырстытæ фæстаг азты дæргъы нæ бæстæйы æрдæм цы риторикæйæ пайда кодтой, уый адарддæр ис.

Æмткæй райсгæйæ, мах иууылдæр тынг хорз зонæм æнæформалон хицауиуæгады тыххæй, кæцы у нырыккон дунейы стыр проблемæ. Уый тыххæй йæхæдæг дæр дзырдта Америкæйы Иугонд Штатты президент Дональд Трамп, зæгъгæ, фыццаджыдæр, æнæформалон хицауиуæгадыл фæуæлахиз уыдзæн. Фæлæ нырма ахæм ницы цæуы æмæ ацы здæхты ницы къахдзæфтæ арæзт æрцыд. Бакæсæм, цы уыдзæн фидæны», -расидтис Каха Къаладзе.