Мæнæн æндæр ахаст ис уыцы адæймæгтæм, кæцытæ нæ нымайынц мæ бæстæ, мæ райгуырæн бæстæ, мæ бæстæйы цæрджытæ – сæ расидæнтæн, сæ архайдæн нулы аргъ ис – афтæ дзуапп дæтты Тбилисы мэр Каха Каладзе журналисты фарстæн, цæмæн хицауады минæвæрттæ нæ æмбæлынц Гуырдзыстонмæ уæвæг Евроцæдисы бæстæты æттаг хъуыдтæгты комитетты сæрдартæн.
«Цалдæр мæйы размæ фехъуыстам Евроцæдисы бæрзонд бæрнонты расидæн, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады уæнгтимæ нæ фембæлдзысты. Уый у советон ахаст, ацы ахаст цæуы ацы радикалтæй, кæцытæй иуæй-иутæ абон сты Гуырдзыстоны æмæ сæ расидæнтæй иуæй-иутæ мах фехъуыстам æддейæ», -расидтис Каха Къаладзе.
Гуырдзыстоны уагъд æвзæрстыты легитимондзинады фарстамæ та цы хауы, Тбилисы мэр дзуапп дæтты, цæмæй легитимондзинад дæттынц гуырдзиаг адæм, æндæр бæстæты бæрзонд гæстæ нæ фæлæ.
«Легитимондзинадмæ та цы хауы, уый ифтонг кæны гуырдзиаг адæм. Æз æй æмбарын, цæмæй гуырдзиаг адæм ницы сты радикалтæн, се ‘ппæт дæр сты иу базыры бын æмæ сын ис иу хицау, æддейæ сын разамынд дæттынц. Уыдон нæдæр сæхицæн хауынц, нæдæр сæ бинонтæм, нæдæр ацы бæстæмæ, ис сын æндæр интерестæ, уæддæр иу хъуыддаг бæрæг у – гуырдзиаг адæм ифтонг кæны легитимондзинад», -расидтис сæйраг сахары мэр.
Уымæй дарддæр ма Каха Къаладзе хъуыды кæны, цæмæй европæйаг бæрзонд рангы бæрнонтæ æргомæй архайынц бæстæйы мидхъуыддæгты бахъыгдарын.
«Фæстаг мæйты мидæг комкоммæ хъусæм æмæ уынæм бæстæйы мидполитикон хъуыддæгты хъыгдард. Æппæт уыдæттæ иуварс куы æрæвæрæм, уæд уыдон комкоммæ архайдтой æвзарæн кампанийы сæ расидæнтæ æмæ архайдтытæй. Алцыппæт уый æнæуырнинаг у, фæлæ бауырнæд уæ, хæрз тагъд рæстæджы алцыппæт йæ бынаты уыдзæн, алчи райсдзæн æмбæлон дзуапп, æнæмæнгæй алкæмæн дæр уыдзæн уæздан ахаст нæ бæстæмæ æмæ æддагон адæммæ», -расидтис Каха Къаладзе.