Каха Каладзе - фæрсдзæуæн æфсæнвæндагыл фæдыл хъуамæ сырæза иртасæн
Каха Каладзе -  фæрсдзæуæн æфсæнвæндагыл фæдыл хъуамæ  сырæза иртасæн

Сæйраг сахары мер Каха  Каладзе  хъусын кæны, цæмæй  фæрсдзæуæн æфсæнвæндагы фæдыл  скуыддзаг ист хъуамæ æрцæуа  æмбæлон  иртасæны  бындурыл.

Тбилисы меры   ныхæстæм гæсгæ,   ис цалдæр вариант –  Тбилисы  центрæй  хаст æрцæуой бæлццонон  æмæ  уæзласæн    хаххытæ, кæнæ  æрмæстдæр уæзласæн  хаххытæ.

«Иртасæны бындурыл  нын хъуамæ уа дзуапп,  цы æмæ цахæм проект  хъуамæ сыххæстæуа» – расидтис Каладзе.

Тбилисы генералон планы  проектмæ гæсгæ,    мерийы  иуæй-иу  фиппаинаг  растдæр   фæрсдзæуæн  æфсæнвæндагмæ  æххæссы.

«Æфсæнвæндаджы  бæлццонон   фадыгы (Дидубе-Самгори) фæмацы  кæныны  скуыддзаг  нырма  æмбæлонæй   аргументиргонд нæу» –  фæнысангонд  у,   мерийы  публикацигонд документы.