Каха Каладзе цæрæгойты мониторингы агентадæй иу куыдзы меримæ акодта (фото)
Тбилисы мер Каха Каладзе цæрæгойты мониторингы агентадмæ бацыд.
Каха Каладзе куыд банысан кодта афтæмæй, аздоны реорганизаци райдаы æмæ архайадон план æввахсдæр фидæны суыдзæн бæрæг.
«Зонут æй, фæстаг периоды айхъуыстис информаци, ома ам уыд тынг æвзæр уавæртæ, кæцы мæнг разынд. Плангонд сты бæрæг ивындзинæдтæ. Хъавæм реформæты сæххæст кæнын æмæ уын раздæр æвзæрстыты агъоммæ дзырдлæвæрды куыд загътон афтæмæй, сырæздзæн бæрæг ивдтытæ уыцы æрдæм, цæмæй кæд исты проблемæ ис, уæд æй аскуыддзаг кæнæм» – расидтис Каладзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, центрæй иуæй-иу куыдзы меримæ акæндзæн.
«Ис нын ног хæлар, кæцы махимæ иумæ рацæудзæн меримæ æмæ уым уыдзæн. Ном йыл нырма нæ сæвæрдтам, фæлæ исты æрхъуыды кæндзыстæм мерийы» – банысан кодта Каладзе.