Каха Каладзе - Бирæ бынæттæ ис, цы ран адæймæгтæн ис фадат сæрмагонд протест равдисын æмæ сæ уыцы хъуыддаджы ничи бахъыгдардзæн, уыцы азтæ ивгъуыды ныууагъдтам
Куыд æнхъæлут, исчи искæмæн арæн кæны сæрмагонд протест равдисын? Мах уыцы азтæ ивгъуыды ныууагъдтам, – уый фæдыл сæйраг горæты мэр Каха Каладзе 20 июны акцийы тыххæй фарстыл дзуаппы рæстæджы загъта.
Фарстыл, зæгъгæ цæмæн адарддæр ис парламенты бæстыхайы раз реабилитацийы процесс æмæ уыдис æви нæ хицауадæн йæ нысан 20 июны, парламенты раз уыдаит кæрдæггъуыз сис, сæйраг горæты мэр банысан кодта, цæмæй ацы фарстыл серьозон дзуапп æнæхъуаджы у.
«Куыд æнхъæлут, исчи искæмæн арæн кæны сæрмагонд протест равдисын? Мах уыцы азтæ ивгъуыды ныууагъдтам. Бирæ бынæттæ ис, цы ран адæймæгтæн ис фадат сæрмагонд протест равдисын æмæ сæ уыцы хъуыддаджы ничи бахъыгдардзæн. Сæйраг горæты мэримæ ницы фадат ис закъонмæ гæсгæ, кæцы бæстæйы архайы, цæмæй искæмæн ратта бар кæнæ тобæ сæвæра акцийы ауадзынæн. Махмæ уый бар нæй, уый у сæхи бар, ауадзой акци, уыцы конкретон локацийыл, кæцыйы æркурдзысты», – райхъусын кодта Каха Каладзе.