Каха Къаладзе – Бæрæг къорд адæймæгтæ æнæфæразгæйæ тох кæнынц Гуырдзыстоны паддзахаддзинады, уæвæг хицауады ныхмæ, уымæн æмæ сæ бон нæ баци сæ агентад æрбакæнын
Каха Къаладзе – Бæрæг къорд адæймæгтæ æнæфæразгæйæ тох кæнынц Гуырдзыстоны паддзахаддзинады, уæвæг хицауады ныхмæ, уымæн æмæ сæ бон нæ баци сæ агентад æрбакæнын

Бæрæг къорд адæймæгтæ æнæфæразгæйæ тох кæнынц Гуырдзыстоны паддзахаддзинады ныхмæ, ныры хицауады ныхмæ, уымæн æмæ æвзæрстыты фæуæлахиз сты æмæ нæ бантыст сæ агентады хицауадмæ æркæнын – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Къаладзе Европарламенты резолюцийы фæдыл фарстæн дзуаппæн расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон дарддæр кæны размæцыд æмæ размæ цæуы европон интеграцийы фæндагыл.

«Бæрæг къорд адæймæгтæ æнæфæразгæйæ тох кæнынц Гуырдзыстоны паддзахаддзинадимæ, тох кæнынц ныры хицауадимæ, уымæн æмæ уыдон фæуæлахиз сты æвзæрстыты æмæ сын нæ бантыст сæ агентад æрбахæссын. Фактмæ гæсгæ цы цæуы – Гуырдзыстон дарддæр кæны рæзт, размæ цæуы евроинтеграцийы фæндагыл, фæлæ ис къуылымпыгæнæг моменттæ, конкретонæй, уыцы расидæнтæ, кæцытæ хъусæм, архæйдтытæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц æнæуи шантажыл æмæ фæлæ ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сты шантажыл бындурæвæрд. фенут, цæмæй æцæгæйдæр архайæм, рæстдзинад чи дзуры, ахæм адæймæгтæ, цæмæй бæстæйы æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты сæрибар уавæры æмæ æппæт политикон партитæн уыд фадат агитаци кæнынæн, хайад райсынæн, кæй зæгъын æй хъæуы, никæмæн ис бар пъæлицæйы кусæгмæ йæ къух сисой, чифæнды ма уа – статус нæй гæнæн æмæ уа фыдракæнды æмбæрзæн, уый ницы нысан кæны политик, уый ницы нысан кæны. кæнæ та амалхъом адæймаг, закъоны раз не ‘ппæт дæр стæм æмхуызон», -расидтис Каха Къаладзе.