Каха Къаладзе - амондджын уыдаин, кæд æмæ бæстæйы экономикон уавæр ахæм уыдаит, цæмæй алкæмæн дæр йæ бон уыдаит ацæуын æрмæст ирхæфсынæн æмæ куысты тыххæй нæ
Æз амондджын уыдаин, кæд æмæ бæстæйы уыдаит ахæм экономикон уавæр æмæ дидинæфтыд, цæмæй алчидæр, кæй фæнды ацæуын, ацæуид æрмæст улæфынæн æмæ куысты тыххæй нæ – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Къаладзе миграцийы фæдыл фарсты дзуаппæн расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, хицаугæнæг командæйы æххæстгонд политикæ здæхт у бæстæйы сабырад бахъахъхъæнынмæ, уымæн æмæ æнæ сабырадæй, экономикон дидинæфтыдыл дзурынæн пайда нæй.
«Алцыппæт куы уа гом æмæ æндæр æмæ æндæр бæстæтæм æнæвизæйæ ацæуæн куы уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ адæм ацæуынц Европæйы бæстæтæм. Гуырдзыстоны куы абарæм, уæд уыдон сты размæцыддæр æмæ сын ис тыхджын экономикæ. Гуырдзыстон у рæзгæ бæстæ. Фæстаг азты рæзæм экономикон æгъдауæй. Уый у тынг бæрзонд бæрæггæнæн, кæцы у иттæг хорз æмæ нысаниуæгджын. Æппæт уыдæттæ уымæн сты, æмæ нын ис сабырад бæстæйы, цæмæй æрцахсæм сабырдзинад æмæ цæуæм æмæ цæуæм. суанг Европæйы экономикæты ахизын.«Гуырдзыстоны Бæллиц – Демокративон Гуырдзыстоны» политикæ здæхт у, фыццаджы дæр, бæстæйы сабырад бахъахъхъæнынмæ. алчидæр, кæцыйы фæнды ацæуын, гæнæн ис ацæуа æрмæстдæр фæлладуадзæнæй, æмæ куысты тыххæй нæ, уый тыххæй дæр бæстæйы мидæг хъуамæ саразæм уавæртæ, цæмæй алы адæймаг дæр спайда кæна аккаг куысты уавæртæй æмæ экономикон дидинæфтыдæй», -расидтис Каха Къаладзе.
Бæстæйы экономикон уавæры фæдыл фарстмæ гæсгæ, Тбилисы мэр дзуапп ратта, цæмæй 2012 азимæ абаргæйæ, бæстæ рæзы, фæлæ хицауады нысан у, цæмæй ноджы фылдæр бинонтæ æнкъарой дидинæфтыд.