Каха Каладзе – æнæхæдзары статус кæмæ ис, уыцы бинонтæн иууылдæр лæвæрд уыдзæн хæдзæрттæ
Тбилисы мэриа – æнæхæдзары статус кæцы бинонтæм ис, уыдонæн хæдзæрттæ байуæрст дарддæр кæны. Уый фæдыл сæйраг горæты мэр Каха Каладзе муниципалитеты хицауады рабадтыл фехъусын кодта.
«Куыд æй зонут, афтæмæй, æдзары статус абон 400 бинонтæн ис. Муниципалитет сæ фатеры æрцæрын кодта. Райдыдтам конкретон къахдзæфтæ аразын фæнысангонд проблемæ алыг кæнынæн æмæ ацы адæймæгтæн цæрæн фæзуаттæ балхæд. Программæйы скуыстæй абоны онг æлхæд у, æмтгæй райсгæйæ 40 хæдзар. Нæ дзырдлæвæрд уыд, цæмæй иннæ азты дæргъы æнæхъæнæй сыхгæнæм ацы темæ, иунæг æдзар тбилисаг дæр нæ уыдзæн æнæхæдзар æмæ алкæмæ лæвæрд уа цæрæн фæзуаттæ. Ацы æрдгæй кусын дарддæр кæнæм æмæ æдзары статус кæцы бинонтæн ис, уыдонæн иууылдæр лæвæрд уыдзæн хæдзæрттæ», – райхъусын кодта Каха Каладзе.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ фæнысангонд статус райсынæн, æмбæстæгтæ сæ районы гамгеобамæ хъуамæ баздæхой, цы ран сын бавдисинаг документацийы фæдыл деталон информаци ратдзысты.