Каха Каладзе æмбарын кæны, цавæр уагæвæрд хъахъхъæнын бахъæудзæн æхсæнадон транспортæй зиæлды рæстæджы
Тбилисы мэр Каха Каладзейы фидиуæнмæ гæсгæ, æхсæнадон транспорты скусын кæныны фæстæ, æнæм æнгхъæугæ уыдзæн æдасдзинады мадзæлттæ хъахъхъæнын. Каха Каладзе куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ æмбæстæгтæн æнæмæнг уыдзæн æхсæнадон транспорты маскæ дарын.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, автобусты нæ кусдзæн кондиционертæ.
«Фæнды мæ дзыллæ зона, цæмæй куыд метрополитены, афтæ автобусты æмæ микроавтобусты æнæмæнг уыдзæн маскæ дарын. Уый æнæмæнгæй хъуамæ бадарæт сæ зæрдыл æмбæстæгтæ. Уыцы хъуыддаг мах мониторинг кæндзыстæм. Бæлццæтты æнæмаскæйæ æхсæнадон транспортмæ бауадзын нæй гæнæн. Афтæдæр хъавгæйæ хъуамæ уой автобусты тæрджытæ, цæмæй ма скусын кæной автоубсы кондиционертæ. Рудзгуытæ хъуамæ уой гом, цæмæй вентилляци цæуа. Метройы уый фадат нæй» – райхъусын кодта Каха Каладзе.