Каха Каладзе – адæймæгтæ, чидæриддæр физиконæй бафхæрдзæн нæ кусджыты кусæн æххæстбарты сыххæсты рæстæджы, дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуой
Сæйраг горæты мэр Каха Каладзе кусæн æххæстбарты сыххæсты процессы мэриайы кусджыты ныхмæ физикъон æфхæрды фæарæхгонд факттыл æмæ ахæм цауты карз барадон реагир кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл фæныхас кодта. Уый фæдыл Каладзе Тбилисы муниципалитеты хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Каха Каладзе вице-мэр Ираклий Хмаладзейæн бахæс кодта, цæмæй æмбæлгæ уагдæттимæ æнгом æмгуыстадæй, ахæм фактты фæдыл уайтагъд ауадзой закъоны фæлгæтты карздæр мадзæлттæ.
«Фæарæх сты цаутæ, нæ кусджыты ныхмæ сæ кусæн æххæстбарты сыххæсты рæстæджы, барадсæтджытæ æфхæрынц сæ æмæ хатт сæ нæмгæ дæр кæнынц. Уый æппæт у уæззау æмæ категорионæй нæрайсгæ. Æз уыдæттыл мæ цæст нæ бацъынд кæндзынæн, уымæн æмæ алчи цæрæм ацы горæты æмæ нæ алкæй фæнды хуыздæр горæт нын уа. Ницы уæлдай у кæмæн цы политикон цæстæнгас ис, ис нын хъæбултæ, рæзгæ нæ фидæн фæлтæр, сæрфад æмæ кæрæдзийæн цыт та у сегасдæр нысаниуæгджын. Уыцы хъуыддаджы дзыллæ хъуамæ уа æмуд. Хæдтулгæ раст куы нæ бауромæм, уый расайы стыр проблемæ æндæр аæймæгтæн, фистæгтæн, фæнды уыдонæн дæр, чидæриддæр сæрмагонд хæдтулгæтæй змæлы. Уый тыххæй мæ фæнды бахæс кæнын вице-мэрæн – архайут закъонмæ æмбæлгæйæ» – райхъусын кодта Тбилисы мэр.
Каха Каладзе йæ кусджытæн фарсмæлæуд æмæ æххуыс баныфсвæрдта.
«Фæнды мæ, мæ алкæцы кусæгæн, чидæриддæр цæсгомджынæй æмæ профессионалонæй лæггад кæны ацы горæтæн, æххæст фарсмæлæуд æмæ æххуыс баныфсвæрон. Æнæраст æмæ категорионæй нæрайсгæ у физикон тыхмидзинад æмæ ахæм адæймæгтæ, чидæриддæр физиконæй бафхæрдзæн нæ кусджыты, сæ кусæн барты сыххæсты рæстæджы, хъуамæ дзуаппмæ лæвæрд æрцæуой. Æмбæлгæ уагдæтты æмархайдæй бакусут закъонмæ æмбæлгæйæ», – райхуъсын кодта Каха Каладзе.