Каха Каладзе – 11 фадыгы бæрæггæнæнтæ  ногæй  бахыгъдæй  фæбæрæг ис, цæмæй  æвзæрстыты фальсификаци  иунæг фадыгыл дæр нæ уыд
Каха Каладзе – 11 фадыгы бæрæггæнæнтæ ногæй бахыгъдæй фæбæрæг ис, цæмæй æвзæрстыты фальсификаци иунæг фадыгыл дæр нæ уыд

11  фадыгы   бæрæггæнæнты   бахыгъдæй   бæрæг у, цæмæй  иунæг фадыгыл дæр нæ уыд фальсификаци, –  уый фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» генералон нымæрдар Каха Каладзе   фехуъсын кодта брифингыл.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  алы  уыцы  фадыгы цауы,  протоколты цы рæдыдтытæ уыдис, уыдон уыдысты æрмæстдæр техникон равгы.

«Гуырдзиаг Бæллиццы»   генералон нымæрдар  афтæдæр   дзупп ратта  знон æхсæвы  Тбилис æмæ регионты  зылдты  комисситы  цур айтынггонд фæзындтæн,  хъалæба  æмæ быцæудзинадæн.

«Хъыгагæн,  фадгуыты  бахыгъд цыдис оппозицийы   деструктивон архæйдты  фоныл.  Куыд  зылды  комисситы бæстыхæйтты цур, афтæ  бæстыхæйттæм мидæмæ цалдæр дæсой оппозиционер архайдта  змæстытæ расидын, куырдтой, цæвиттон  партийы  минæвæртты  бауадзын,  реалонæй  уыцы  партиты  минæвæрттæ,  æххæстбарджын уæнгтæ  мидæгæй,   зылды  комисситы  куы бадтысты  æмæ  хайад истой  бахыгъды  процессы.  Бæрæг у, цæмæй фадгуыты  ногæй бахыгъд  æмæ æвзæрстыты фæстиуджыты  афтæ  сбæлвырд кæнын  сæ интерестæм нæ цæуы. Уымæй  дарддæр ма, бæрæггæнæнтæ бахыгъдæй  фæбæрæг ис, цæмæй сæ ныхæстæ  æвзæрстыты фальсификацийы  æмæ адавыны фæдыл,   сты  гæдыдзинад æмæ  сын ницы  бындур ис æппын», –   райхъусын кодта Каха Каладзе.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ хицауад никæмæн, уый нымæцы  нæдæр криминалон ивгъуыд цы политикон тыхтæн ис уыдонæн, нæ ратдзæн  бæстæ сызмæнтыны  фадат.